Хуссар Иры Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы сӕргълӕууӕгӕн радтой инӕлары ном

© Пресс-служба президента РЮОАнатолий Бибилов присвоил звание генерал-майора Руководителю Службы внешней разведки Алексею Варзиеву
Анатолий Бибилов присвоил звание генерал-майора Руководителю Службы внешней разведки Алексею Варзиеву - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма республикӕйы президент схорзӕхджын кодта ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы сӕргълӕууӕджы майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн"

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта инӕлар-майоры ном Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы (ӔРС) сӕргълӕууӕг Уарзиаты Алексейӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы уырны Дӕ патриотизм ӕмӕ хорз ахаст службӕмӕ. Инӕлар-майоры ном у хорзӕх Дӕ ӕрвылбоны куысты тыххӕй", — бахахх кодта президент.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Уарзиаты Алексейы майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн".

Церемония вручения государственных наград - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта цалдӕр уагдоны сӕргълӕууӕджы

ӔРС сӕргълӕууӕг банысан кодта уагдоны кусджыты цӕттӕдзинад республикӕйы суверенитет хъахъхъӕныниӕ.

"Мах ӕмбарӕм нӕ бӕрн Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинады тыххӕй ӕмӕ цӕттӕ стӕм хъахъхъӕнын йӕ националон суверенитет. Ӕмӕ Дӕ хъусдарды руаджы нӕ уагдонмӕ, Ӕддагон разӕсгарӕн службӕйы оперативон-службӕйон архайды фӕзынд хорз динамикӕ", — банысан кодта Уарзиаты Алексей.

Ног хабӕртты лентӕ
0