ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ӕрцахстой цыппар цӕрӕджы наркотикон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Фыдгӕнджыты ӕрцахстой "наркотикон, кӕнӕ психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй административон ӕмӕ уголовон бӕрны фӕдыл" закон фехалыны тыххӕй.
"Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, ӕмбӕстӕгтӕ кӕй пайда кодтой наркотикон буарад "гӕн"-ӕй", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, цауы ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕнынц Дзауы районы ӕмӕ Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайадтӕ.