Гасситы Натали: "Артек"-ы ацӕудзӕн Хуссар Иры бон

Рафыссын
Республикӕйы скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ улӕфынц Ӕхсӕнадӕмон сывӕллӕтты центр "Артек"-ы, цӕттӕ кӕнынц Хуссар Ирыстонӕн нывонд концертон программӕ

ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Сывӕллӕтты центр "Артек"-мӕ — "Кипарисный" лагерьмӕ ацыдысты 28 скъоладзауы Хуссар Ирыстонӕй, радзырдта Sputnik республикӕйы ахуырады министр Гасситы Натали.

"Нӕ сывӕллӕттӕ ацыдысты Уӕрӕсейы ахуырады министрады ӕрхуындӕй, сывӕллӕттӕ уыдзысты лагеры 13 октябрьмӕ. Ныртӕккӕ уыдон цӕттӕ кӕнынц концерт Хуссар Ирыстоны бонмӕ, кӕцы ацӕудзӕн абон. Мах равдисдзыстӕм кинонывтӕ нӕ паддзахады тыххӕй, сывӕллӕттӕ сӕххӕст кӕндзысты зарджытӕ, кӕфтытӕ, радзурдзысты ӕмдзӕвгӕтӕ", — фехъусын кодта Гасситы Натали.

Министр банысан кодта, зӕгъгӕ, райстой сывӕллӕтты тынг хорз.

Артек, Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ баулæфдзысты "Артек"-ы

"Сывӕллӕттӕм стыр хъусдард уыд здӕхт. Знон сын ауагътой экскурситӕ ӕмӕ сӕ адих кодтой алыгъуызон къордтыл. Нывӕндынц алыгъуызон ерыстӕ ӕмӕ конкурстӕ", — бафтыдта министр.

Сывӕллӕтты лагерь "Кипарисный" у "Артек"-ы лагерьтӕй иу, кӕцы ис Хъырымы Гурзуф поселочы цур. Лагеры программӕйы ис алыгъуызон архайд спорты, сфӕлдыстады, афтӕ ма техникон ӕмӕ экологон фадыджы дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0