Хуссар Иры ӕрывналдзысты республикӕйы национ хӕзнатӕ хъахъхъӕнынмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Хуссар Ирыстон
Парламент Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы парламент бакуыста законыпроекттыл, кӕцытӕ уаг дӕттынц Хуссар Ирыстоны национ хӕзнаты фадыгӕн

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты националон политикӕ, зонад, ахуырад, дин ӕмӕ ДИФ комитет сарӕзта законты проекттӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны национ культурон хӕзнаты фӕдыл" ӕмӕ "Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕнӕматериалон культурон бындуры бахъахъхъӕныны фӕдыл".

Дменисы фидар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дменисы фидар. Зындгонд ӕнӕиртӕст гӕнах

Дыууӕ закон дӕр здӕхт сты республикӕйы национ объекттӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕнӕматериалон культурон бындур бахъахъхъӕнын ӕмӕ пайда кӕнынмӕ.

Комитеты банысан кодтой, зӕгъгӕ, национ хӕзнатӕ сты Хуссар Ирыстоны адӕмы.

"Национ культурон хӕзнатӕ бавӕрын ӕмӕ сӕ пайда кӕнын у паддзахадон органты иууыл ахсджиагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй иу. Паддзахад хъуамӕ сараза уавӕртӕ, цӕмӕй бавӕрӕм ацы объекттӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Законты проекттӕм гӕсгӕ, паддзахадон бюджетӕй хъуамӕ хицӕн ӕрцӕуой ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Дыууӕ законы проекттӕм дӕр хъуамӕ ӕркӕсой комитеты иннӕ рабадты рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0