Цхинвайлаг сылгоймагӕй адавтой ӕхца ӕмӕ хӕзнатӕ

Рафыссын
МХМ кусджытӕ уадзынц сгарӕн мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной фыдракӕнды ӕууӕлтӕ

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Мидхъуыддӕгты министрады Фӕдагуырды хайады кусджытӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы фатерӕй ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕмӕ ювелирон фӕлындӕнтӕ адавыны фӕдыл, фехъусын кодтой республикӕйы МХМ пресс-службӕйы.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ радзырдтой къуырийы цауты тыххӕй

"Уголовон хъуыддаджы ӕрмӕджытӕм гӕсгӕ, 24 сентябры ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ бахызтысты Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаджы хӕдзармӕ, адавтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ цыппар мин сомы, афтӕ ма сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист фӕлындӕнтӕ дӕр", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ фыдгӕнджыты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл уадзынц Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад ӕмӕ МХМ криминалон милицийы уголовон фӕдагуырды хайады кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0