"Торез": Цхинвалы равдисдзысты кино республикæйы фыццаг разамонæджы тыххæй

© Sputnik / Фатима ПлиеваФильм "Торез"-ы диск
Фильм Торез-ы диск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæсахатон документалон лентæ таурæгъ кæндзæн Хъуылымбегты Торезы цардвæндаг, республикæйы бындурæвæрд æмæ уæззау рæстæджытыл

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани "Ир" равдисдзæн Республикайы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы тыххæй документалон киноныв, фехъусын кодта Sputnik проекты автор, национ телеуынынады директор Челæхсаты Георгий.

Граффити - Sputnik Хуссар Ирыстон
Торезы майдан: Хуссар Иры фыццаг къухдариуæггæнæджы номыл кæнынц хорзæх

Дыууæсахатон документалон кинолентæ республикæйы фыццаг разамонæджы цардвæндагæй дарддæр таурæгъ кæндзæн бæстæйы историйы хицæн периодыл.

"Октябры райдайæны йæ цардæй ахицæн Хъуылымбегты Торез. Ацы бонмæ æрæмных кодтам фильмы рацыд. Авд мæйы дæргъы цæттæ цыд киноныв. Ӕрмæг æмбырд кодтам Мæскуыйы архивты Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмархайдæй. Нæ къухты бафтыдысты хъæзныг æрмæг æмæ цымыдисон кадртæ нæ бæстæйы историйæ", — радзырдта Челæхсаты Георгий.

Уый банысан кодта, документалон кинонывы презентаци кæй ацæудзæн æввахс бонты.

"Фыццаг уал фильм "Торез"-ы презентаци ацæудзæн ПККЗ "Чермен"-ы. Уый фæстæ та йæ равдисдзыстæм ПТРК "Ир"-ы эфиры", – бафтыдта директор.

Националон телеуынынады разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, "Торез" уыд сæ фыццаг фæлварæн, уый фæстæ та сæ фæнды ирон адæмон геноциды тыххæй бацæттæ кæнын киноныв.

"Ныр нæм фæлтæрддзинад фæзынд æмæ хъавæм сисын 1989 – 2008 æзты ирон адæмы геноциды тыххæй документалон фильм. Ахуырмæ арвитын хъæудзæн цалдæр операторы Мæскуыйы документалистикæйы скъоламæ", – балхынцъ кодта уый.

Премьера документальных фильмов Allonfilm - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ничи ферох: Цхинвалы равдыстой дыууӕ киноныв хӕсты хъайтарты тыххӕй

Кинонывыл куыстой режиссер Дзудцаты Тамерлан, оператор Кæсойты Алан, редактор, тексты автор Хъуылымбегты Роберт, монтажер Бекъойты Хох æмæ æндæртæ. Фæскадрон текст бакаст Виталий Бут.

Хъуылымбегты Торез уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг къухдариуæггæнæг æмæ республикæ расидыны инициатор 20 сентябры 1990 азы. 29 январы 1991 азы бадзырдты æфсон гуырдзиæгтæ асайдтой æмæ адавтой республикæйы раздзоджы. Уым æй Гуырдзыстоны тæрхондонон системæ азым кодта бирæнымæц æрымысгæ хъуыддæгты – се ʻхсæн хæцæнгарз дарын, тыхмимæ сидын. Йе 'ссæрибар кæныныл архайдтой канд Хуссар Иры адæм нæ, фæлæ ма æхсæнадæмон организацитæ дæр.

Звиад Гамсахурдиайы йæ бынатæй куы раппæрстой, уæд бантыст Торезы дæр ссæрибар кæнын. Уый фæстæ Хъуылымбегты Торез адарддæр кодта йæ политикон архайд. Йæ къухдариуæгадæй парламент сфидар кодта хæдбардзинады акт. Разамынад дæтта республикæйæн 1992 азы хæстон æрбабырсты рæстæджы дæр, уыд Дагомысы бадзырдты авторты хсæн. 1993 азы фæззæджы уый ацыд йæ бынатæй. Уый фæстæ цард Мæскуыйы.

Хъуылымбегты Торез йæ цардæй ахицæн 2006 азы фыццæгæм октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0