Хуссар Иры ӕрцахстой гуырдзиаг арӕнхалӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймаджы радтой гуырдзыстойнаг фарсӕн Эргнеты хъӕуы цур, административон ивар бафидыны фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы арӕн ӕнӕзаконӕй ахизыны тыххӕй сабаты, 6 октябры.

Гуырдзыстойнаг сылгоймаджы, кӕцыйы ӕрцахстой Хуссар Иры, радтой гуырдзиӕгтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстойнаг сылгоймаджы, кӕцыйы ӕрцахстой Хуссар Иры, радтой гуырдзиӕгтӕн

Гуры муниципалитеты Кирбалийы хъӕуы 50-аздзыд цӕрӕджы радтой гуырдзиаг фарсӕн ивар бафидыны фӕстӕ, хъусын кӕны ПӔК пресс-службӕ.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны хайы, Цхинвалы районы цӕрӕн пункт Громы цур, арӕнхъахъхъӕнджыты къорд ӕрцахста Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы РХИ паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цхинвалы районы тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ фыдгӕнӕджы ӕрбаздӕхтой административон бӕрнмӕ, фӕивар ӕй кодтой ӕмӕ йӕ радтой гуырдзиаг фарсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0