Хуссарирыстойнаг бæгæныфыцæджы нозт бахауд хуыздæрты нымæцмæ

Рафыссын
Дзауаг æфсин Гаглойты Андзелина фестиваль-конкурсы адих кодта дыккаг бынат алагираг сылгоймаг Черджиты Дзерассæимæ

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзæуджыхъæуы ахицæн V Ӕхсæнадæмон фестиваль-конкурс "Ирон бæгæны 2018"-ы фæстаг къæпхæн. Мадзалы Хуссар Ирыстоны фынг банымадтой "Хуыздæр æмæ дзадджындæрыл", дзауаг бæгæны та сæвæрдтой дыккаг бынатыл, фехъусын кодта Sputnik районы культурæйы хайады гæс Кæркуысты Галина.

День пива - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауаг бæгæны бавдыстой æхсæнадæмон фестивальмæ

Кæркуысты Галина банысан кодта, призон бынæттæй дарддæр ма уыдон кæй райстой адæмæй тынг бирæ æвæрццаг ныхæстæ æмæ æнкъарæнтæ сæ нозт æмæ фынджы тыххæй.

"Хорз хъарм бон скодта фестивалæн, Ирон театры цур байтыгътам нæ фынгтæ. Нæ цуры адæмæй азмæлæн нæ уыд, уый бæрц хъарм ныхæстæ райстам. Бæгæныйæ уæлдай ма фестивалы уыд номинаци "Хуыздæр æмæ дзадджындæр фынг", ацы номинацийы фыццаг бынат адих кодтам бынæттонимæ. Нæ бæгæны та алагираг бæгæныимæ сæвæрдтой дыккаг бынатыл", — загъта Кæркуысты Галина.

Уæлахиздзаутæй алкæмæн дæр радтой æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фестиваль дарддæр уæрæхæй-уæрæхдæр кæндзæн. Зæгъæм, иннæ аз фестивалы æвзарæн къæпхæн арæзт æрцæудзæн Америкæйы ирон диаспорæимæ.

Æппæтадæмон фестиваль "Ирон бæгæны-2018" арæзт æрцыд ныр фæндзæм хатт.

Ног хабӕртты лентӕ
0