Хуссар Иры Уæлвæткон министрады кусджытæн радтой хорзæхтæ

© facebook/МЧС Республики Южная ОсетияХуссар Иры Уæлвæткон министрады кусджытæн радтой хорзæхтæ
Хуссар Иры Уæлвæткон министрады кусджытæн радтой хорзæхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг ирвæзынгæнджыты схорзæхджын кодтой республикæйы паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ сæ хайбавæрды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) сæргълæууæг Тадтаты Алан уагдоны кусджыты схорзæхджын кодта майдантæй "Хуссар Ирыстоны фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн". Схорзæх кæныны фæдыл барамынд бафыста РХИ президент Бибылты Анатолий, хъусын кæны УУМ пресс-службæ.

ХИ УУМ сæххæст ис 9 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Хуссар Иры УУМ куысты тыххӕй: стыр профессионализм

"Республикæйы паддзахаддзинад сфидар кæнынмæ хайбавæрды тыххæй, афтæ ма РХИ УУМ сырæзтыл дæс азы сæххæты цытæн президент быфыста барамынд уагдоны кусджыты схорзæхджын кæныны фæдыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ног хорзæх арæзт æрцыд ацы аз августы. Майдан раттынц ахæм æмбæстæгтæн, кæцытæ сæ хайбавæрд бахастой Хуссар ирыстоны хæдбардзинад хъахъхъæнынмæ æмæ йæ статус сфидар кæнынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0