ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг дзюдоист Тасойты Инал ссис турнир "Большой шлем"-ы уӕлазиздзау Абу-Дабийы (ИАЭ), хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.
Турнир цыд 27-29 октябры, хайад дзы райстой 400 спортсмены 64 бӕстӕйӕ.
"Командон дунейы чемпионаты бронзӕйон призер, дуне ӕмӕ Европӕйы ерысты уӕлахиздзау юниорты ӕхсӕн, Анталийы "Гран-при"-йы уӕлахиздзау Тасойты Инал рахызт татамимӕ уӕрӕсейаг тырысайы бын. 100 килограммы уӕзы категорийы финалы Тасойты Инал рамбылдта Лукас Крпалекайы Чехийӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Спортсмены тренертӕ сты Беккуызарты Алик ӕмӕ Айларты Ирбег.