ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы командæ ссис зынгæ æхсæнадон архайæг Челехсаты Хъазбеджы номыл IX шахматтæй турниры уæлахиздзау, фехъусын кодтой Sputnik Дзауы районы пресс-службæйы.
Турнир æрæмбырд кодта фараст командæйы Ирыстоны дыууæ хаййæ.
"Фыццаг бынатыл тох кодтой Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы æмæ Цхинвалы командæтæ. Дыууæ командæ сты рагон "знæгтæ" — фæстаг æзты се ʻхсæн цæуынц тохтæ сæйраг призыл, хыгъд ныр у 2:2. 2016 æмæ 2017 æзты æмбылдтой Горæтгæрон районы командæ, 2015 æмæ ацы аз та уæлахиз бафтыд цхинвайлæгты къухы", — загътой уагдоны пресс-службæйы.
Уым ма радзырдтой, турниры æртыккаг призер та кæй ссис Знауыры районы къорд.
Челехсаты Хъазбег у националон преми "Нарты фæткъуы"-йы лауреат, чиныг "Осетия и осетины"-йы æмбырдгæнæг.