Уарзынц ӕмӕ аргъ кӕнынц: Хуссар Иры адӕмон нывгӕнӕджы схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент РЮО наградил Народного художника республики Орденом Почета
Президент РЮО наградил Народного художника республики Орденом Почета - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Адӕмон нывгӕнӕгӕн хорзӕх радтой стыр хайбавӕрды тыххӕй аивады райрӕзтмӕ, республикӕйы фӕсивӕды ӕхсӕн националон культурӕ ӕмӕ традициты активон пропагандӕ ӕмӕ йӕ 70 азы юбилейы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Кады Орденӕй республикӕйы адӕмон нывгӕнӕджы, Колыты Аксойы номыл аивӕдты паддзахадон лицейы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ директор Кӕсойты Лаврентийы.

"Дӕ куыст бирӕ ӕзты уыд тынг кадджын. Дӕу уарзынц иууылдӕр, Аивӕдты лицейы коллективӕй скъолайы рауагъдонтӕм. Сӕ сгуыхтдзинӕдтӕ мах уынӕм ӕрвылбонон царды", — радӕтта президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, Кӕсойты Лаврентийы равдыст, кӕцы амӕйразмӕ ацыд Мӕскуыйы уӕрӕсейаг аивӕдты музейы, уыд тынг ӕнтыстджын.

"Фӕнды мӕ бахахх кӕнын, дӕ равдыстӕн фӕсарӕнты кӕй ис стыр нысаниуӕг Хуссар Ирыстоны адӕмӕн ӕрмӕст культурон нӕ, фӕлӕ ма политикон фадыджы дӕр. Аивады уылты адӕм базонынц Ирыстоны рагон истори ӕмӕ культурӕйы тыххӕй", — загъта Бибылты Анатолий.

Кӕсойты Лаврентий загъта бузныг президентӕн ӕмӕ радзырдта йӕ дарддӕры сфӕлдыстадон нывӕзтыты тыххӕй. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, тагъд рӕстӕджы нывӕнды ауадзын йӕ куыстыты равдыст ХИПУ-йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0