SputnikPro расидт конкурс ХИПУ-йы студенттӕн

© Sputnik / Наталья АйриянСтуденттӕ Sputnik пресс-центры
Студенттӕ Sputnik пресс-центры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсон программӕйы хайадисджытӕн уыдзӕн фадат бафӕлварын сӕхи журналистты бынаты, конкурсы уӕлахиздзаутимӕ та бафысдзысты бадзырд, цӕмӕй ӕнӕштанон куыст кӕной агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — пресс-служба Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон SputnikPro ахуырадон программӕйы фӕлгӕтты сарӕзта конкурсон проект Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты студенттӕн. Проекты хайад райсыны тыххӕй хъӕуы 11 декабрьмӕ байдзаг кӕнын хайадисӕджы анкетӕ ЮОГУ-ТВ-йы, бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ раттын куыст 2019 азы 23 январьмӕ. Конкурсы фӕстиуджытӕ уыдзысты бӕрӕг 2019 25 январы Татьянӕйы боны, уыцы бон рабӕрӕг кӕндзысты уӕлахиздзауты дӕр.

Sputnik - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik бакӕндзӕн Журналистикӕйы сӕрдыгон скъола Хуссар Иры студенттӕн

Конкусрон проекты хайадисджытӕ суыдзысты SputnikPro ӕртыккаг модулы хайадисджытӕ дӕр, кӕцы ацӕудзӕн 12 декабры Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры. Практикон мастер-классты рӕстӕджы ӕвзонг специалисттӕ Sputnik экспертты къухдариуӕгады бын базондзысты, куыд арӕзт цӕуы информацион агентады куыст, цы у колумнистикӕ ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕны блогосферӕйӕ. Афтӕ ма Sputnik Хуссар Ирыстоны бильд-редактор радзурдзӕн йӕ куысты лыстӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ мультимедиайы фӕлгонцы тыххӕй ныры медиа тыгъдады.

"Ӕрмӕст конкурс нӕу, фӕлӕ ма у фадат райсын ног зонындзинӕдтӕ адӕмӕй, кӕцытӕ ныридӕгӕн сты ацы профессийы. Уый у фадат фылдӕр базонын, куыд кусы ныры мультимедион информацион агентад ӕмӕ, кӕд дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уӕд райдайын кусын немӕ иумӕ", — банысан кодта агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев.

SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.

Sputnik провел мастер-класс для детей в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радиойы бон: Sputnik Цӕгат Иры ауагъта мастер-класстӕ сывӕллӕттӕн

Уый фӕстӕ агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕххӕст ис дыууӕ ахуырадон модуль, кӕцыты хайад райстой ХИПУ студенттӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны ДИФ кусджытӕ. Ӕрхонгӕ тренертӕ уыдысты сӕйраг специалисттӕ Мӕскуыйӕ — радио Sputnik сӕргълӕууӕг Алексей Орлов ӕмӕ МИА "Россия сегодня" ахуырадон программӕты сӕргълӕууӕг Олег Щедров.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0