Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсивæд схиздзысты Хуссар Иры бæрзонддæр хохмæ

© Sputnik / Наталья Айриян"Иугонд Алании" æмæ "Молодая гвардия": пресс-конференци
Иугонд Алании æмæ Молодая гвардия: пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Балц арæзт æрцæудзæн Уæрæсейы фæсивæдон организаци "Молодая Гвардия" æмæ хуссарирыстойнаг "Иугонд Алани"–йы ʻхсæн æмархайды фæлгæтты

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстойнаг æмæ уæрæсæйаг фæсивæд сæрды сараздзысты сцыд Хуссар Иры бæрзонддæр хæхтæй иумæ. Балц снывонд кæндзысты зынгæ инженер Гаглойты Рутены райгуырдыл 130 азы сæххæстæн, уый тыххæй мыхуыр æмæ информаци комитеты пресс-конференцийы фехъусын кодта хуссарирыстойнаг фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-йы хистæр Коцты Михаил.

Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены æхгæд музей

Йæ ныхæстæм гæсгæ, мадзал æххæст æрцæудзæн "Иугонд Алани" æмæ уæрæсейаг фæсивæдон организаци "Молодая гвардия"-ы ʻхсæн бадзырды фæлгæтты.

Парти "Иугонд Уæрæсейы" дæлбар æппæтуæрæсейон æхсæнадон-политикон фæсивæдон организаци "Молодая гвардия"-ы минæвæрттæ æмæ регионалон хайæдты уæнгтæ æрцыдысты Хуссар Ирмæ. Ӕртыццæджы Цхинвалы уыдон сарæзтой фильм "Не время для героизма"-йы гом равдыст. Хуссарирыстойнаг фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-имæ æруынаффæ кодтой æмгуыстадыл. Цыппæрæмы та радтой пресс-конференци мыхуыр æмæ информацийы комитеты.

"Сæрды нывæндæм саразын сцыд хохы бæрзæндмæ. Ацы аз нæм у номдзыд инженер Гаглойты Рутены юбилей æмæ уымæн снывонд кæндзыстæм нæ балц. Сцыды архайдзæн альпинисттæ, æрбамбал нæм уыдзысты Мæскуыйы "Молодая гвардия", фæхондзыстæм цæгатирыстойнаг коллегæты дæр", - загъта Коцты Михаил.

Гаглойты Рутен у Хуссар Иры рельефон картæйы автор, фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы хъуыдыйы баззад куыд Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæг. Инженер 1937 азы 19 июлы ʻрцыд репрессигонд, йæ архайд та бирæ æзты дæргъы уыд рох. Ацы аз Хуссар Иры Национ банк рауагъта згъæр æхца йæ юбилеймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0