Хуссар Иры парламенты депутат баххуыс кодта Дзауы интернатӕн

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты депутат баххуыс кодта Дзауы интернатӕн
Хуссар Иры парламенты депутат баххуыс кодта Дзауы интернатӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы скъола-интернат сцалцӕг кодтой 2014 азы зынгсирвӕзты фӕстӕ ӕмӕ байгом ис ацы аз сентябры

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Spurnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй Джиоты Инал бабӕрӕг кодта Дзауы скъола-интернат ӕмӕ бахаста хуыссӕнтӕ скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕн, хъусын кӕны закондӕттӕн органы пресс-службӕ.

Джиоты Инал банысан кодта, кӕй йӕ фӕндыд бахӕссын йӕ хайбавӕрд скъолайы арӕзтадмӕ зынгсирвӕзты фӕстӕ.

Дзауы скъола-интернаты кафджытыл скодтой национ дарæс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы скъола-интернаты кафджытыл "скодтой" национ дарæс

"Мах Хуссар Ирыстоны парламенты сӕргълӕууӕг Гасситы Петримӕ бадзырдтам РХИ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Тотчиты Георгимӕ, цӕмӕй нын баххуыс кӕна балхӕнын хуыссӕнтӕ Дзауы скъола-интернатӕн. Тотчиты Георгий махӕн баххуыс кодта ӕмӕ уын сӕ йӕ фӕрцы абон мах лӕвар кӕнӕм", — банысан кодта депутат.

Скъолайы директор Галуанты Зӕлинӕ загъта бузныг депутатӕн ӕмӕ, сӕйраджыдӕр, республикӕйы президент Бибылты Анатолийӕн скъолайӕн ног агъуыст саразын ӕмӕ финансон ӕххуысы тыххӕй.

"Афтӕ ма мӕ коллектив ӕмӕ сывӕллӕтты номӕй фӕнды зӕгъын бузныг парламенты сӕргълӕууӕг Гасситы Петрӕн, нӕ депутат Джиоты Иналӕн ӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон"-ӕн се 'ххуыс ӕмӕ хъусдарды тыххӕй", — загъта скъолайы директор.

Ног хабӕртты лентӕ
0