ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры ахуыргӕндтӕ ралӕууыдысты IX Ӕхсӕнадӕмон конференцийы "Петербург ӕмӕ националон музыкалон культурӕтӕ: Кавказы адӕмы музыкалон традицитӕ. Галаты Борисы 130-ӕм райгуырӕн боны цытӕн" докладтимӕ ирон композиторы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.
Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг ӕмӕ Галаты Борисы номыл музейы сӕргълӕууӕг Гаглойты Лиана радзырдта, Кавказы тематикӕйыл ахӕм масштабы конференци уагъд кӕй цӕуы фыццаг хатт.
"Ахуыргӕндтӕ зӕрдиагӕй архайдтой конференцийы — ӕрцыдысты делегацитӕ Нальчик, Майкоп, Дзӕуджыхъӕу, Дагестанӕй, афтӕ ма Венгри, Израиль, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Петербургӕй", — загъта уый.
Конференцийы фӕлгӕтты ацыд концерт, цы ран хайад райстой Петербург, Адыгей ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны коллективтӕ, Галаты Борисы сфӕлдыстад сӕххӕст кодтой Мариинаг театры артисттӕ. Гаглойты Лиана бафтыдта, конференцийы хайадисджыты кӕй фӕхуыдтой Мариинаг театры спектакльмӕ.
"Ӕвӕццӕгӕн, ӕрӕвӕрдзыстӕм фарст, цӕмӕй иудадзыг афтӕ ӕмбырд кӕнӕм. Конференцийы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ныммыхуыр кӕндзыстӕм чиныг", — загъта Гаглойты Лиана.
Мадзал сорганизаци кодта Санкт-Петербурджы Ирон минӕварад ӕмӕ Галаты Борисы номыл культурӕйы фонд "Центр Содействия".