ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Медицинæйы фадыджы æрхонгæ специалисттæ хатдзæгтæ скодтой Хуссар Иры сæ куыстæн æмæ радзырдтой республикæйы медицинæйы æнтыстыты тыххæй Sputnik Хуссар Ирыстоны тымбыл фынг "Развитие здравоохранения в рамках интеграционного сотрудничества"-йы фæлгæтты.
Ӕхсæз специалистæй алкæцы дæр радзырдта, сæ куысты æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны медицинæ цы æвæрццаг ивындзинæдтæ банкъардта, уыдоныл.
"Медицинæйы фадыджы интеграцион æмгуыстад цæуы интенсивонæй. Тынг бирæ арæзт æрцыд медицинæйы размæцыдæн. Самадтой сывæллæтты рынчындоны комплекс, гуырæн хæдзар, фактон æгъдауæй фæцис арæзт медико-социалон центры арæзтад, уый та медицинæ ракодта ног гъæдджын æмвæзадмæ", — загъта йæ раныхасы уæрæсейаг уынаффæгæнæг æнæниздзинад хъахъхъæнынады фадыджы Игорь Галь.
Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны националон æнæниздзинад хъахъхъæнынады нывæзт 2025 азы онг дæр кæй æрцыд цæттæгонд.
Реабилитаци
Уæрæсейаг специалист реабилитацийы фадыджы Светлана Старцева радзырдта, ам цы æмгъуыд кусы, уыцы рæстæг цы æрцыд æвæрццагæй йæ къабазы.
"Скуыста медицинон реабилитацийы фадыг, цы ран ис хосгæнæн физкультурæйы егъау зал, бассейн, кæцы баххæстгонд ифтонгадимæ скусдзæн æввахс бонты. Ис нæм бирæ кадртæ – дохтыртæ, инструктортæ. Иумæйагæй сисгæйæ, службæ кусы хорз æмæ ног азæй та ноджы фæхуыздæр уыдзæн", — загъта Светлана Старцева.
Патологон анатоми
Ацы фадыжы дæр фæстаг æзты æрцыд ахадгæ ивындзинæдтæ.
Бирæ æзты фæстæ Хуссар Иры сног кодтой патолого–анатомон ахуыртæ, кæцытæ фадат дæттынц мæлынады аххосæгтæ раргом кæнынæн.
"Иртæст цæуынц мæлынады аххосæгтæ æмæ, гæнæн уæвгæйæ, мæлæтæй бахизыны фадæттæ. Къамис басгары мæлæты аххосæгтæ. Æнхъæлмæ кæсæм ног ифтонгадмæ, кæцы феххуыс уыдзæн ацы фадыджы иртасæн куыстæн", — загъта Сергей Груздев.
Неврологи æмæ психиатри
Специалист Эдуард Амерханов сæйраг проблемæтæй иуыл банымадта нормативон-барадон базæйы хъæндзинæдтæ.
"Ацы категорийы пациенттæ хуымæтæг не ʻсты. Бацæттæ ʻрцыд законы проект психиатрион æххуысы æмæ адæмы бартæ æмæ гарантиты фæдыл медицинон æххуыс райсыны рæстæджы. Мах ныридæгæн къуыхцы кæнынц закон райсыны фæстиæдтæ. Ацы пациентты хъæуы социалон гарантитæ", — загъта Эдуард Амерханов.
Эндоскопи
Эндоскопийы фадыджы дæр 2016 азæй фæстæмæ ʻрцыд ахадгæ ивындзинæдтæ, фæхуыздæр ис ифтонгад, рауæрæх ис персоналы нымæц.
"2017 азы мах ссардтам хорз специалисты, кæцы рацыд ахуыр эндоскопийы хаххыл, рауæрæх ис медхоты персонал. Æрбалæугæ азы марты мах хъавæм арвитын медперсонал Санкт-Петербургмæ стыр конференцимæ æмæ ацы горæты ноджы нæ медицинон кусджыты фæлтæрддзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ ", — загъта уæрæсейаг уынаффæгæнæг Илья Суровцев.
Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны 2016 азы августæй абоны онг æххæст кæй æрцыд эндоскопийы фадыджы 4 мин басгæрсты, уыдонæн се ʻмбис æххæст æрцыд ацы аз.
"Басгæрстгонд пациентты 95% сты 18 карæй уæлæмæ. Уый канд диагностикæ нæу — зæгъæн ис, 2016 азæй фæстæмæ кæй æрбиноныг кодтам хоскæнынад дæр. Бирæ ног процедурæтыл цадæггай ахуыр кæнынц хуссарирыстойнаг специалисттæ, сæ куысты уæлхъус ахуыргæнгæйæ", — загъта уый.
Уый ма радзырдта, æрбалæугæ азы Хуссар Иры кæй ацæудзæн диспансеризаци.
"Мах мæ коллегæтимæ ныридæгæн кусæм хистæр кары адæмы ʻхсæн диспансеризаци ауадзыны нывæзтыл, кæцыйы фæлгæтты уагъд цæудзæн скрининг дæр", — бафтыдта уый.