ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий снысан кодта Уазӕгты Юрийы президенты информацион-аналитикон хайады хистӕрӕй, ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодта информацион агентад "Рес"-ы сӕйраг редакторы бынатӕй. Ахӕм указ ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы официалон сайтыл.
Уазӕгты Юрий уыд информацион агентады сӕргълӕууӕг 2017 азы сентябрӕй. Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ИА "Рес"-ы сӕйраг редактор ссис Харебаты Майя.
Афтӕ ма сӕ бынӕттӕй ссӕрибар кодтой паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты сӕргълӕууӕджы хӕдивджытӕ Коцты Андрей ӕмӕ Плиты Михаилы.