ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ауагътой практикон ахуыр фыццагкъласонтимӕ уынджы фӕндагон ӕдасдзинады фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фарастӕм скъолайы ахуырдзаутӕн бамбарын кодтой, куыд хъӕуы хизын фӕндаг, цӕмӕй ма бахауай фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ).
"Автоинспектортӕ ауагътой профилактикон мадзал скъолайы цур фистӕгон ахизӕныл. Акцийы рӕстӕджы ӕвзонг бӕлццӕттӕн бамбарын кодтой фӕндагон змӕлды фӕтктӕ, афтӕ ма хи дарын куыд хъӕуы фӕндаг ӕмӕ транспорты", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Фӕндагон хъусдарды фӕдыл хистӕр паддзахадон инспектор Бесаты Александр банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм акциты фӕрцы скъоладзаутӕм фӕзыны бӕрнон ахаст фӕндагон змӕлды фӕтк ӕххӕст кӕнынмӕ. Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады акцитӕ уагъд цӕуынц сыввӕллӕты хайадистимӕ ФТЦ-ты профилатикӕйы тыххӕй.