SputnikPro: ахуырадон программӕйы ӕртыккаг модуль байгом уыдзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянМастер-класс
Мастер-класс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон проект ӕвзонг журналисттӕн дарддӕр кӕны Хуссар Ирыстоны, ацы хатт та йӕ хайадисджытӕ суыдзысты ХИПУйы студенттӕ

ЦХИНВАЛ, 10 декабрь — Sputnik пресс-службӕ. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон ауадздзӕн Цхинвалы мастер-класстӕ ХИПУйы студенттӕн — конкурсон программӕ SputnikPro-йы хайадисджытӕн.

Мадзал ацӕудзӕн 12 декабры Sputnik пресс-центры.

Студенттӕ Sputnik пресс-центры - Sputnik Хуссар Ирыстон
SputnikPro расидт конкурс ХИПУ-йы студенттӕн

Практикон мастер-классты рӕстӕджы ӕвзонг специалисттӕ Sputnik эскпертты къухдариугады бын зонгӕ кӕндзысты агентады куыстимӕ, цы у колумнистикӕ ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кӕны блогосферӕйӕ. Афтӕ ма Sputnik Хуссар Ирыстоны бильд-редактор радзурдзӕн йӕ куысты хицӕндзинӕдтыл ӕмӕ мультимедиайы ролыл нырыккон дунейы.

Мадзалы спикертӕ уыдзысты Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Виталий Раднаев, агентад Sputnik-ы журналист Лев Рыжков (Мӕскуы), афтӕ ма агентады бильд-редактор Хаситы Михаил.

SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0