Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг банымадта ивгъуыд аз нысаниуӕгджыныл

© Sputnik / Наталья АйриянМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медойты Дмитрий банысан кодта, 2018 азы Хуссар Ирыстонӕн кӕй уыд стыр ӕнтыстытӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл

ЦХИНВАЛ, 11 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий радзырдта республикӕйы ӕддагон политикӕйы царды сӕйраг цауты тыххӕй  ӕмӕ хатдзӕгтӕ скодта уагдоны куыстӕн ивгъуыд азы.

Паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы йӕ ралӕуды министр ӕрымысыд фароны хатдзӕгон ныхас журналисттимӕ.

"2018 азы уыд цалдӕр юбилейы. 26 августы ӕнӕхъӕн бӕстӕ банысан кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады дӕсӕм афӕдзы бон, 17 сентябры сӕххӕст дӕс азы хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырдыл, 1 декабры та сӕххӕст дӕс азы Хуссар Ирыстоны фыццаг минӕварады сӕвзӕрдыл Уӕрӕсейы", — банысан кодта Медойты Дмитрий.

Министр загъта, ацы цаутӕ иууылдӕр кӕй уыдысты нысаниуӕгджын Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Медойты Дмитрий банысан кодта, ФХМ кӕй райтынг кодта ӕддагон политикӕйы стратеги, кӕцы сфидар кодта президент, ӕмӕ бафтыдта, ацы аз кӕй ӕрцыд бирӕ цымыдисон цаутӕ.

Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий Хуссар Иры банымайыны тыххӕй: фарст кӕддӕриддӕр у актуалон

Иууыл ахсджиагдӕр цауыл уый банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад Сирийы рдыгӕй, кӕцыйыл бирӕ фыстой ДИФ-ты.

"Махӕн уыд бастдзинӕдтӕ сириаг фарсимӕ. Ялтайы форумы хайадист дӕр уыд ахсджиаг – Хуссар Ирыстоны президент уым фембӕлд Сирийы минӕваримӕ Уӕрӕсейы. Хӕдбардзинад банымады фӕдыл коммюнике ныммыхуыр кодтой 29 майы. Уый у Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райсыны датӕ, ӕмӕ махӕн уый у символикон", — загъта министр.

Афтӕ ма Медойты Дмитрий радзырдта Хуссар Ирыстоны президенты балцы тыххӕй Сербаг Республикӕмӕ, республикӕйы боны бӕрӕгбонмӕ.

"Нӕ ныхмӕлӕуджыты зӕрдӕмӕ уый нӕ фӕцыд. Фӕлӕ уый у нӕ куыст ӕмӕ йӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнӕм", — банысан кодта министр.

ФХМ сӕргълӕууӕг бахахх кодта, сербаг фарсимӕ сын хорз ахастытӕ кӕй ис. Цӕвиттонӕн уый ӕрхаста Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон командӕйы хайадист ӕхсӕнадӕмон турниры шахматтӕй Сербаг Республикӕйы.

Афтӕ ма министр банысан кодта, уагдон стыр куыст кӕй кӕны ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0