ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы райдыдтой мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Луганскы Адӕмон Республикӕйы (ЛАР) сӕргълӕууӕг Леонид Пасечникы фыццаг официалон балцӕн.
ЛАР сӕргълӕууӕг ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ 17 декабры изӕры. Дыццӕджы Цхинвалы ацӕудзӕн дыууӕ президенты фембӕлд, ӕртыццӕджы та бафысдзысты хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.
Республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ уазджытӕ ссардтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ — уыдон сӕвӕрдтой динджытӕ Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы кӕрты мемориалмӕ.
Президенты администрацийы агъуысты раз Леонид Пасечник ӕмӕ Луганскы делегацийы уӕнгтыл фембӕлдысты президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ.
Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.