Дзæуджыхъæуы ацæудзысты Европæйаг ерыстæ боксæй

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы турнир
Боксы турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхсæнадæмон турнир Уæрæсейы саразыны уынаффæ хаст рцыд боксы Европæйаг конфедерацийы æххæстгæнæн комитеты

ЦХИНВАЛ, 18 дек— Sputnik. Ӕрбалæугæ азы Дзæуджыхъæуы ауадздзысты Европæйы ерыстæ боксæй. Турниры архайдзæн 30 бæстæйы минæвæрттæ — æдæппæтæй 300 спортсменæй фылдæр, хъусын кæны ПТРК "Алания".

"Дзæуджыхъæуы 2019 азы ацæудзысты европæйы ерыстæ боксæй. Архайдзысты дзы æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ. Адæмты æхсæн турнир Уæрæсейы саразыны уынаффæ хаст уыд боксы Европæйаг конфедерацийы æххæстгæнæн комитеты", — хъусын кæны телеуынынады сайт, Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Ольга Голодецы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй ерыстæ снысан кодтой мартмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0