РХИ минӕвар Гасситы Знауыр хайад райста Sputnik акци "Хӕлардзинады назы"

© Sputnik / Александр ВильфГасситы Знауыр
Гасситы Знауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акцийы тыххӕй минӕвар куы бафарста социалон хызӕгты, уӕд сфӕнд кодта хайад райсын акцийы ӕмӕ саразын ногазон лӕвӕрттӕ-сюрпризтӕ

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр хайад райста Sputnik хӕрзаудӕн акци "Хӕлардзинады наз"-ы. Минӕвар бахахх кодта, проекты сӕйраг нысаниуӕг кӕй у сӕххӕст кӕнын сывӕллӕтты бӕллицтӕ, ӕмӕ мах та уымӕн хъуамӕ баххуыс кӕнӕм.

Sputnik та ацы аз дӕр уадзы акци Хӕлардзинады наз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik та ацы аз дӕр уадзы акци "Хӕлардзинады наз"

"Сывӕллӕттӕ сты нӕ иууыл зынаргъдӕр хӕзна. Мах хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм нӕ сывӕллӕтты бӕллицтӕ ӕххӕст кӕнынӕн, уый у тынг ахсджиаг. Нӕ сывӕллӕттӕ сты махӕн нӕ фидӕн", — загъта минӕвар.

Афтӕ ма уый раарфӕ кодта сывӕллӕттӕн Ног азы цытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ ӕмӕ сӕ бӕллицты сӕххӕст.

"Арфӕ уын кӕнын Ног аз ӕмӕ Цыппурсы цытӕн! Сымах хъуамӕ уат куыстуарзаг ӕмӕ зонынуарзӕгтӕ, ӕрбалӕугӕ азы сӕххӕст уӕт уӕ бӕллицтӕ иууылдӕр, мах та, хистӕртӕ, ӕххуыс кӕндзыстӕм сымахӕн", — загъта йӕ арфӕйы Гасситы Знауыр.

Ногазон акци "Хӕлардзинады наз" райдыдта кафе Vincenzo-йы фӕзуатыл 18 декабры ӕмӕ адаргъ уыдзӕн 28 декабрьмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0