Уӕрӕсейы ӕххуыс ӕмӕ хи ӕфтиӕгтӕ: Хуссар Иры райстой бюджет 2019 азмӕ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæУФ ӕхца
УФ ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бюджеты ӕфтиаг хай фидӕн аз уыдзӕн 8,7 милиард сомы, ацы суммӕйы фылдӕр хай уыдзӕн Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ цыппӕрӕмы райстой 2019 азы паддзахадон бюджеты фӕдыл закон. Сӕйраг финансон документы тыххӕй радзырдта финансты министр Хӕбӕлата Аза.

Уый банысан кодта, бюджеты ӕфтиаг хай фидӕн аз уыдзӕн 8,7 милиард сомы.

"Уыцы суммӕйӕ 82,5 проценты сты Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс, афтӕ ма 2,7 миллиард сомы, кӕцытӕ рахицӕн кодтой 2019 азы инвестицион программӕйы реализацийӕн", — загъта Хӕбӕлаты Аза.

Министр банысан кодта, фидӕн аз кӕй фӕуыдзӕн ныры Инвестпрограммӕйы реализаци ӕмӕ райдайдзысты кусын ног программӕйыл.

Афтӕ ма уый радзырдта, бюджеты хъалонон ӕмӕ ӕнӕхъалонон ӕфтиӕгтӕ кӕй уыдзысты 1,2 миллиард сомы, иумӕйаг ӕфтиагӕй 14,8 проценты.

Уӕрӕсейаг ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауад хорзыл банымадта 2019 азмӕ паддзахадон бюджет

Хӕбӕлаты Аза бахахх кодта, бюджет кӕй уыдзӕн здӕхт социалон райрӕзтмӕ.

"12 милуан сомӕй 20-мӕ фӕфылдӕр уыдзысты медицинон ӕххуысыл хӕрдзтӕ. Уый хаудзӕн сывӕллӕтӕн ӕххуысмӕ дӕр", — бафтыдта финансты министрады сӕргълӕууӕг.

Парламенты бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Коцты Жанна банысан кодта, бюджетыл кӕй ныхас кодтой комитеты рабадты рӕстӕджы цыппар сахатӕй фылдӕр, лӕмбынӕг ӕркастысты документы алкӕцы пунктмӕ дӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, документ ацыд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ процедурӕтӕ. Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой бюджеты закон фидӕн азмӕ.

Бибылты Анатолий загъта бузныг депутаттӕн ахӕм позицийы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, бюджетыл алыхатт дӕр кӕй цыд егъау хъаугъатӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0