Мæскуыйы ирон аргъуаны сæргъ слæууыд иерей Джейранты Вячеслав

Рафыссын
Уымæй размæ фыд Вячеслав куыста Кашираг районы аргъуанты

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Мæскуыйы Алайнаг Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны хистæр динамонæгæй снысан кодтой иерей Джейранты Вячеславы, хъусын кæны Мæскуыйы ирон æхсæнады пресс-службæ.

Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйы ацæудзæн Беслæны амæттæгты номарæн акци

Мæскуы æмæ æппæт Уæрæсейы Патриархы барамынд бакаст æмæ рæстдинонтæн базонгæ кодта сæ ног разамонæджы Мæскуыйы аудыны аргъуанон зылды протоиерей Александр Абрамов.

Официалон хайы кæрон скуывтой Хуыцаумæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Рæстдинонтæ хорз сæмбæлдысты ног динамонæгыл.

Джейранты Вячеслав райгуырд 14 марты 1978 азы Цæгат Ирыстоны, горæт Алагиры. 1999 азы райста уæлдæр ахуырад Мæскуыйы паддзахадон университеты биотехнологиты хаххыл.

2012 райста уæлдæр динон ахуырад рæстдинон семинарийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0