ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æрбалæугæ азы 30 милуан сомы бæрц 120-æй 150 милуаны онг) фæфылдæр кæндзысты медицинон уагдæтты хостæй ифтонг кæныны фæдыл паддзахады хæрдзтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрик республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгиимæ йæ фембæлды рæстæджы.
Фембæлды сæйраг темæ уыд республикæйы районты медицинон ифтонгкæнынад.
"Ацы аз мах фæфылдæр кодтам медицинон ифтонгкæнынады хæрдзтæ 120-æй 150 милуаны онг. Ахсджиаг у, цæмæй хостæй æххæстбæрцæй ифтонг цæуой æрмæст столицæйы медицинон уагдæттæ нæ, фæлæ ма районты фельдшерон-акушерон пункттæ дæр", - бахахх кодта хицауады сæрдар.
Уый бахæс кодта Тотчиты Георгийæн хъус дарын районты ФАП-тæм æмæ медикаменттæ æлхæныны фæдыл хæрдзтæм.