https://sputnik-ossetia.com/20190114/Khussar-Iry-arngron-khuy-bakodtoy-ambulatori-m-trenazheron-zal-7887281.html
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Sputnik Хуссар Ирыстон
Медицинон уагдон æмæ спортивон объект æрбынат кодтой раздæры фидауынгæнджыты бæстыхайы, кæцы афтид уыд 2008 азы хæстæй фæстæмæ 14.01.2019 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2019-01-14T12:37+0300
2019-01-14T12:37+0300
2019-01-14T12:37+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/788/61/7886125_79:0:1075:560_1920x0_80_0_0_a6bc8ab5645e357685731c137b378f67.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2019
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/788/61/7886125_203:0:950:560_1920x0_80_0_0_004a5dac952e1e5454a5d12610271867.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал
Медицинон уагдон æмæ спортивон объект æрбынат кодтой раздæры фидауынгæнджыты бæстыхайы, кæцы афтид уыд 2008 азы хæстæй фæстæмæ
ЦХИНВАЛ, 14 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы бакодтой амбулатори æмæ тренажерон зал, хъусын кæны республикæйы хицауады пресс-службæ.
Амæй размæ ацы хъæуы цæрджытæ бахатыдысты президент Бибылты Анатолимæ амбулатори сæндидзын кæныны фæдыл, кæцы куыста згъуыдтытимæ бæстыхайы аварион уавæры тыххæй. Бæстæйы сæргълæууæг уайтагъд дæр бахæс кодта хицауадæн проблема аскъуыддзаг кæнын.
"Бæрнон кусджытæ æрæвнæлдтой арæзтадон куыстытæм фидауынгæнджыты штабы зæронд бæстыхайы æмæ 2018 азы кæронмæ уыдон кæронмæ бахæццæ сты", - дзырдæуы хъусинаджы.
Амбулаторийы специалисттæ ныридæгæн æрæвнæлдтой кусынмæ ног дыууæуæладзыгон агъуысты, цыран ис алы фадæттæ дæр цæрджытæн квалификацион медицинон фыццаг æххуыс бакæнынæн.
Цхинвалы районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, медицинон æххуыс æххæсы алкæуыл дæр, амбулаторийы нæй медикаментты хъуагдзинад.
Амбулаторийæ дарддæр ма хъæуы цæрджытæ райстой ноджы иу лæвар - тренажерон зал.
"Бæстыхайы дыккаг уæладзыгыл та бакодтам тренажерон зал арцеуы фæсивæдæн, уыдон тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы хабарыл. Спортивон ифтонгады иу хай æлхæд æрцыд парти "Иугонд Ирыстоны" фæрæзтæй", - загъта Бибылты Валерий.
Афтæ ма дыккаг уæладзыгыл фæнд кæнынц саразын актон зал дæр. Объектыл æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты майы мæймæ.