Нырма фæразæм: "Югосетнефтепродукт" бензины уавæры тыххæй Хуссар Иры

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæНырма фæразæм: Хуссар Иры сæйраг æртагуæйгæнæг сæ фæсауæрцы тыххæй
Нырма фæразæм: Хуссар Иры сæйраг æртагуæйгæнæг сæ фæсауæрцы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иунæг фæндаг, кæцыйыл Хуссар Ирыстонмæ ласт цæуы æртаг, у æхгæд къуырийы дæргъы, фæлæ уый нырма æртаджы дефицитмæ не ʻркодта

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг æртагласджытæ нырма нæ фæтыхстысты бензины цухдзинадæй. Æртаг ис горæты æппæт станцты дæр.

Транкавказы автомагистралыл фæндагон змæлд тобæгонд у æвдæм бон. Специалисттæ бæстонæй нæ дзурынц, кæд бакæндзæн фæндаг.

"Нырма фæразæм. Кризисон моментмæ нырма не ʻнхъæлмæ кæсæм", - загъта Sputnik "Югосетнефтепродукт" директор Джыгкайты Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртаджы фæсауæрц нырма бирæ рæстæг сфаг уыдзæн. Сослан ма бафтыдта, хисæрмагонд æртагласджытæ дæр кæй нæ тыхсынц.

Ӕртагкæнæн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры та фæфылдæр сты æртаджы ӕргътæ

"Югосетнефтепродукт"-ы сæргълæууæджы ныхæстæ бæлвырд кæнынц шофыртæ дæр.

"Знон ныккодтон æртаг хисæрмагонд станцы. Уыд дзы, стæй дзы стыр радтæ дæр нæ уыд. Ӕвæццæгæн, æртагласджытæ, уавæр æмбаргæйæ, стыр гуырахст æрластой", - загъта шофыр Тыджыты Эльбрус.

Чысыл цухдзинад банкъардтой газæй, уый æппæт станцты нæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0