Хуссар Иры парламент райста закон гимны фæдыл

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ схъæлæс кодтой гимны фæдыл ног законы тыххæй, кæцыйы æрмных кодтой конституциимæ

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты конституцион закон "О Государственном гимне Республики Южная Осетия"-йыл, хъусын кæны закондæттæг органы пресс-службæ.

Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон

Законы проектыл уынаффæ цыд парламенты дæсæм сессийы фыццаг рабадты спикер Гасситы Петры разамынадæй.

Закондæттынад æмæ бынæттон хиразамынады фæдыл комитеты хистæр Тедеты Нонна банысан кодта, паддзахадон гимн, йæ хуызфыст æмæ официалон пайдакæныны фадæттæ сты фидаргонд 5 майы 1995 азы ист конституцион законы. Уæд уый ист æрцыд зæронд конституцимæ гæсгæ æмæ ног сæйраг законы домæнтæ нæ хынцыдта.

"Ацы законы проекты сæйраг у фæсивæды ʻхсæн патриотизм парахат кæнын. Ног проект домы ахуыры райдайæны æмæ йæ кæроны фыццаг урокты размæ сæххæст кæнын паддзахадон гимн, стæй ма ахуырадон уагдæтты цытджын мадзæлтты рæстæджы, кæцытæ нывонд вæййынц паддзахадон бæрæгбæттæн", - загъта уый.

Ног законы проект ма домы гимн сæххæст кæнын цыртытæ байгомы рæстæджы.

"Закон бар дæтты паддзахадон гимны хай сæххæст кæнын (иу куплет æмæ припев)", - баххæст кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0