Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг: мах уӕддӕр раздахдзыстӕм Скӕсӕйнаг Иры зӕххытӕ

© WikipediaТырсыгом
Тырсыгом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медойты Дмитрий загъта йӕ хъуыды Скӕсӕйнаг Ирыстоны проблемӕйы тыххӕй, кӕцы большевиктӕ байстой Хуссар Ирыстоны автономийы арӕзтады рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik. Хуссарирыстойнаг дипломаттӕ дарддӕр тох кӕнынц ирӕтты бартыл сӕ фыдӕлты историкон зӕххыттӕ раздахыны фӕдыл ӕмӕ ныхас кӕнынц ацы фарстыл алы форматы дӕр, загъта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг интервьюйы немыцаг газет "Ног Германи"-йӕн. Интервьюйы текст ис республикӕйы ФХМ сайтыл.

2018 азы Хуссар Ирыстоны ФХМ фехъусын кодта, республикӕ кӕй никуы банымайдзӕн Скӕсӕн Ирыстоны бафтыд Гуырдзыстонмӕ.

"Историкон Скӕсӕйнаг Ирыстоны проблемӕ (Тырсыгом, Къобы ком, Хъуды ком), кӕцы ис Гуырдзыстоны сконды, азӕй-азмӕ зындӕр кӕны. Ирыстоны скӕсӕны хай ӕнӕзакононӕй большевиктӕ байстой Хуссар Ирыстоны автономийы арӕзтады рӕстӕджы", - загъта Медойты Дмитрий.

Министр радзырдта, Тырсыгомы дӕргъ кӕй у 30 километры, уым уыд 13 ирон хъӕуы, кӕцыты баззадысты 25 мӕсыг ӕмӕ 15 кувӕндоны. Тырсыгомӕй дарддӕр ма ирӕттӕ цардысты Хъуды комы дӕр, кӕцыйы уыд 11 хъӕуы, афтӕ ма Къобы комы дӕр, цы ран уыд фараст хъӕуы.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал сдзуапп кодта Гуырдзыстоны ног президенты куырдиатӕн

Медойты Дмитрий банысан кодта, зӕгъгӕ, "ис дырыс позици республикӕйы къухдариуӕгад, президент ӕмӕ ӕппӕт ирон адӕмӕн, кӕцыты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы зӕххытӕ уӕддӕр ӕрбаздӕхдзысты Ирыстонмӕ ӕмӕ дзы цӕрдзысты ирӕттӕ".

"Хуссар Ирыстоны дипломаттӕ арӕх ӕрдзурынц Хъазбеджы районӕй рацӕугӕ адӕмы проблемӕйыл алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон фембӕлдтыл, сӕйраджыдӕр, Женеваг дискусситы рӕстӕджы, ӕмӕ дарддӕр хъахъхъӕндзысты ирӕтты бартӕ алкӕцы форматыл дӕр", - бахахх кодта министр.

1922 азы советон хицауад радта Гуырдзыстоны ССР Тырсы ӕмӕ Хъуды ком, афтӕ ма Къобы ком дӕр. Советон дуджы ирӕттӕ сӕрибарӕй цыдысты ацы зӕххытӕм ӕмӕ хызтысты арӕныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0