Мариинкайы специалисттӕ баххуыс кӕндзысты Хуссар Иры театрӕн сӕвӕрын "Фатимӕ"

© Sputnik / Наталья Айриян Паддзахадон драмон театр
 Паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рухс ӕмӕ зӕлы арӕзтады руаджы кӕсджытӕ саргъ кӕндзысты ног театры сценӕйы фадаттӕн

ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik, Козаты Диана. Мариинаг театры специалисттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной сӕ хуссарирыстойнаг коллегӕтӕн бакӕнын ног сценӕйы рухс ӕмӕ зӕлы фадаттӕ, загътой  Sputnik Паддзахадон драмон театры пресс-службӕйы.

Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театры ног директор президентимæ фембæлды: æз сарæхсдзæн

Цхинвалы театр бакодтой ӕрдӕг азы размӕ. Ӕрдӕгсахатон ралӕуды руаджы, кӕцы бацӕттӕ кодтой бӕрӕгбонон церемонимӕ, кӕсджытӕ федтой ног сценӕйы фадаттӕ.

"Мах фӕхуыдтам Мариинаг театры специалистты. Махмӕ ӕрцыдысты фондз адӕймаджы, кӕцытӕ ауадздзысты мастер-класстӕ ӕмӕ фенын кӕндзысты, куыд хъӕуы кусын зӕл ӕмӕ рухсимӕ", - загътой театры пресс-службӕйы.

Пресс-службӕйы ма банысан кодтой, специалисттӕ сын кӕй баххуыс кӕндзысты бацӕттӕ кӕнын сценӕ спектакль "Фатимӕ"-йы премьерӕмӕ.

Специалисттӕ Петербургӕй кусдзысты Цхинвалы 2 февралмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0