Фыццаг миллиард: Хуссар Иры ХФК бюджеты рекордон ӕфтиаджы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянКацты Владимир
Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъалонон уагдоны сӕргълӕууӕг радзырдта, цӕмӕй арӕзт цыдысты паддзахады хи ӕфтиӕгтӕ фарон ӕмӕ комитеты тохы тыххӕй хъалонӕй аздӕхты ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты (ХФК) сӕргълӕууӕг Кацты Владимир фехъусын кодта, республикӕйы паддзахадон бюджеты хи ӕфтиӕгтӕ фыццаг хатт кӕй сты милиард сомӕй фылдӕр.

Фарон уагдон бахаста бюджетмӕ 38 милуан сомӕй фылдӕр нывӕзтгонд бӕрӕггӕнӕнтӕй.

"2018 аз уыд ӕнтыстджын, мах  фыццаг хатт бахастам бюджетмӕ милиард сомӕй фылдӕр. Ацы ӕнтыст уыд президент ӕмӕ хицауады хъусдарды руаджы. Уый тыххӕй ӕмӕ хъалонон органты куыст баст у ӕппӕт хицауады хорз куыстыл", - загъта Кацты Владимир.

Комитеты сӕргълӕууӕг банысан кодта, ХФК кӕй бахаста бюджетмӕ иу милиард 48 милуан сомы, нывӕзтгонд та уыд иу милиард 10 милуан сомы.

Кацты Владимир радзырдта, ӕфтиӕгты суммӕйы фылдӕр хай кӕй рацыд ӕртӕ хъалоны хуызӕй – уӕлӕмхасӕн аргъы хъалон – 283 милуан сомы, хъалон сыгъдӕг ӕфтиагыл – 328 милуан сомы ӕмӕ хъалон физикон гоймӕгты ӕфтиӕгтыл – 411 милуан сомы.

УФ ӕхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы ӕххуыс ӕмӕ хи ӕфтиӕгтӕ: Хуссар Иры райстой бюджет 2019 азмӕ

Афтӕ ма ХФК сӕргълӕууӕг радзырдта, 2018 азы уагдон кӕй басгӕрста 79 мадзалы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн сбӕрӕг кодтой хъалонӕй аздӕхт 28 милуан сомы бӕрц.

"Кӕцыдӕр законхалджытӕ бафыстой сӕ хъалонтӕ, аннӕты фӕдыл та цӕуы иумӕйаг куыст республикӕйы органтимӕ, сӕйраджыдӕр генералон прокуратурӕимӕ", - бафтыдта уый.

Афтӕ ма хъалонон комитеты сӕргълӕууӕг радзырдта, уагдон кӕй басгары фирмӕты архайд, кӕцытӕ ласынц республикӕмӕ медикаменттӕ.

"Республикӕйы регистрацигонд сты ӕртӕ фирмӕ, кӕцытӕ ласынц медикаменттӕ. Фӕлӕ ацы фирмӕтимӕ бадзырдтӕ куы арызтой, уӕд хыгъдмӕ нӕ райстой хъалонты суммӕ, кӕцытӕ уыдон хъуамӕ бафидой бюджетмӕ. Иу фирмӕйы фӕдыл мах ныридӕгӕн фестӕм мадзӕлттӕ, хъалонты суммӕ у фондз милуан сомы. Аннӕты фӕдыл куыст нырма цӕуы, мӕйы кӕронмӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм суммӕ", - загъта Кацты Владимир.

Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, суммӕ уыдзӕн 10 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0