Шеф-повар Уалыты Георгий ссис гастрономон конкурсы призер

© Sputnik / Наталья АйриянШеф-повар Уалыты Георгий ссис гастрономон конкурсы призер
Шеф-повар Уалыты Георгий ссис гастрономон конкурсы призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Призерты хӕринӕгтӕ бахиздзысты "Аэрофлот"-ы бизнес-классы менюмӕ ӕртӕ мӕймӕ

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Шеф-повар Уалыты Георгий бацахста ӕртыккаг бынат федералон гастрономон конкурсы, хъусын кӕны Ossetia News.

Конкурсанттӕ хыгъдмӕ райстой рекомендацигонд продукттӕ ӕмӕ сарӕзтой оригиналон рецепттӕ.

Ирон уӕлибыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Путины пресс-конференцийы размӕ журналистты суазӕг кодтой ирон уӕлибыхтӕй

53 специалистӕй финалмӕ ахызтысты 6 шеф-повары. Финалы уыдон равдыстой дыууӕ хъарм хӕринаджы, афтӕ ма уазал ӕмӕ вегетерианаг аходӕнтӕ.

Фӕстиуӕгӕн аргъ кодта профессионалон жюри "Аэромар" бортон хӕлцады кусджытӕй.

Иууыл фылдӕр баллтӕ систа Артем Лосев (Мӕскуы). Дыккаг бынат бацахста Усон Эргешов (Мӕскуы), ӕртыккаг та Уалыты Георгий (Сочи).

Призерты хӕринӕгтӕ бахыздзысты "Аэрофлот"-ы бизнес-классы менюмӕ ӕртӕ мӕймӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0