Цæгат Иры райдыдтой ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЕрыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй
Ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир æрæмбырд кодта 300 адæймаджы, уыдонæй 60 тыхджындæры раразмæгонд æрцæудзысты ЦКФЗ ерыстæм

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны Октябрскæйы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир. Ерыстæ сты æвзарæн бæрзонддæр æмвæзады турнирмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания"-йы сайт.

Цæкулаты Батырбег  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал стох кæндзæн Европæйы ерысты

Цæгат Ирыстоны æппæтреспубликон спортивон мадзалы хатдзæгтæм гæсгæ конд æрцæудзæн, Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты чи архайдзæн, ахæм иугонд командæ, 60 адæймагæй.

"Ерысты архайынц республикæйы хуыздæр спортсментæ. Бирæтæ дзы ерысты фыццаг хатт нæ архайынц, æмæ сын уымæ гæсгæ, командæмæ бахауынæн фылдæр фадæттæ ис. Иугонд командæйæн бацæттæ кæндзысты тренировкæты ног фæтк, уыдзæн сын зындæр, уый фæрцы рабæрæг уыдзысты тыхджындæр спортсментæ", - хъусын кæны сайт сæйраг тæрхонгæнæг Махъоты Æхсарбегы ныхæстæ.

Турниры архайы 300 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0