Спортсменкӕ Цӕгат Ирӕй ссис фыццаг Уӕрӕсейы Кубокы уӕззау атлетикӕйӕ

© Министерство спорта РСО-АланияТъуриты Тима рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы Кубокы уӕззау атлетикӕйӕ
Тъуриты Тима рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы Кубокы уӕззау атлетикӕйӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ уагъд цӕуынц Белгороды областы Старый Оскол горӕты 4-10 февралы

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсменкӕ Тъуриты Тима рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы Кубокы уӕззау атлетикӕйӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Цæкулаты Батырбег  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал стох кæндзæн Европæйы ерысты

"Дунейы чемпион Тъуриты Тима рамбылдта сыгъзӕрин майдан 64 килограмм уӕзы категорийы, йӕ иумӕйаг фӕстиуӕг рацыд 207 килограмм (93+114)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсменкӕйы ерыстӕм цӕттӕ кодта тренер Золойты Хъазбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0