Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг журналистты Мӕскуыйы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг журналистты Мӕскуыйы
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг журналистты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта журналистты, кӕцытӕ фыстой 2008 азы августы цауты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг журналисттӕн, кӕцытӕ фыстой 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы цауты тыххӕй. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд 12 февралы Мӕскуыйы, хъусын кӕны республикӕйы минӕварады пресс-службӕ.

Премия Молодой человек года - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik уацхӕссӕг ссис афӕдзы журналист Хуссар Иры

"Хуссар Ирыстоны адӕмы номӕй дӕттын паддзахадон хорзӕхтӕ уӕрӕсейаг журналисттӕн, кӕцытӕ равдыстой хъӕбатырдзинад 2008 азы августы хӕсты цауты тыххӕй куы фыстой, уӕд. Уӕрӕсейаг информацион каналты кусджытӕ алыхатт дӕр дардтой хорз ахаст сӕ куыстмӕ ӕмӕ сын уыд стыр профессионализм. Уырны мӕ, дарддӕр афтӕ кӕй уыдзӕн", - банысан кодта президент.

Уӕрӕсейаг ДИФ кусджыты схорзӕхджын кодтой майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн".

Хорзӕхтӕ райстой Уӕрӕсейы сгуыхт журналист, ВГТРК сӕрмагонд специалист Евгений Поддубный, Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисткӕ, "Известия"-йы продюсер Ольга Кирий, "Russia Tоday" телеоператор Кокайты Асхат, телеканал "Звезда"-йы продюсер Николай Баранов, "Russia Today" корреспондент Ашраф Эль Саббах, "ТВ Центр" телеканалы телеоператор Алексей Комаров ӕмӕ "ТВ Центр" телеканалы оператор Алексей Степанов-Молдова.

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта журналисттӕн ахӕм стыр хорзӕх райсыны тыххӕй ӕмӕ сӕ фӕхуыдта Цхинвалмӕ. Хорзӕхкӕныны церемонийы хайад райста Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.

Ног хабӕртты лентӕ
0