ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ахуырады министрад нӕ баивдзӕн скъолайы канкулты датӕ ӕмӕ дӕргъ фыццагкъласонтӕн, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕргълӕууӕг Гасситы Натали.
Сабаты, 9 февралы, сӕхгӕдтой карантиныл гриппы тыххӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы скъолатӕ иууылдӕр.
Хуссар Ирыстоны районты сӕхгӕдтой карантиныл Дзау, Гуфта, Киров ӕмӕ Къуайсайы скъолатӕ, афтӕ ма скъолатӕ Дменис, Уахтана ӕмӕ Хъорнисы. Сывӕллӕтты нымӕц, кӕцытӕ фӕрынчын сты уым грипп ӕмӕ КРВИ-йӕ, схызт 20 процентӕй.
"Фыццагкъласонтӕ ацӕудзысты каникултӕм хуымӕтӕг режимы, аннӕ скъоладзауты фӕдыл фарст нырма скъуыддзаг кӕнӕм", - загъта Гасситы Натали.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм уавӕрты гӕнӕн ис пайда кӕнын дистацион ахуырадӕй: уый баххуыс кӕндзӕн фӕсте ма баззайын скъолайы программӕйӕ.
"Ацы проекты реализацийы сӕйраг уавӕр у хорз интернет столицӕ ӕмӕ районты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ахуырад нӕ баивдзӕн традицион, фӕлӕ кӕцыдӕр уавӕрты системӕ уыдзӕн пайдаджын. Мах ахуыр кӕндзыстӕм уӕрӕсейаг ӕмӕ дунейон дистанцион ахуырады фӕлтӕрдзинад", - бафтыдта Гасситы Натали.