Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ рамбылдтой 12 майданы Уӕрӕсейы фыццагады

© Из архива тренера В. Джиоева.Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ рамбылдтой 12 майдан Уӕрӕсейы фыццагады
Хуссарирыстойнаг армрестлертӕ рамбылдтой 12 майдан Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы командӕ сӕ хӕзнадон баххӕст кодтой цыппар сыгъзӕрин, ӕхсӕз ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕ майданӕй

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ рамбылдтой 12 майданы Уӕрӕсейы фыццагады армспортӕй, уыдонӕй цыппар бӕрзонддӕр аргъы майдантӕ, загъта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Тренер бамбарын кодта, Уӕрӕсейы фыццагады армспортӕй алкӕцы къухы уӕлахизы тыххӕй дӕр лӕвӕрд цыд хицӕн майдан, ноджы ма иу майдан та спортсмен иста дыууӕ къухы тохты хатдзӕгон баллтӕм гӕсгӕ.

"Ӕдӕппӕтӕй рамбылдтам цыппар сыгъзӕрин, ӕхсӕз ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕйон майдан. Сыгъзӕринтӕ ис Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсенмӕ, стӕй ма дыууӕ сыгъзӕрин та райста Джиоты Родион – иу дзы рамбылдта галиу къухӕй, аннӕ та хатдзӕгон баллтӕм гӕсгӕ", - бахахх кодта тренер.

Джиоты Валерийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, командӕйы аннӕ уӕнгтӕй дӕр ма кӕцыдӕртӕ ссисты ерысты призертӕ.

Уӕрӕсейы фыццагад армспортӕй балхынцъ 17 февралы горӕт Чеховы.

Ног хабӕртты лентӕ
0