Фыдӕлты хъазт: ирон спортсментӕ райстой 10 хорзӕхы мас-рестлингæй ерысты

© Министерство спорта РСО-АланияИрон спортсментӕ райстой 10 хорзӕхы мас-рестлингæй ерысты
Ирон спортсментӕ райстой 10 хорзӕхы мас-рестлингæй ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мас-рестлинг у рагон ирон хъазт "Ивазӕнтӕм" ӕнгӕс

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Ирон спортсментӕ ӕнтыстджынӕй стох кодтой æппæтуæрæсейон ерысты мас-рестлингæй "Кубок Кавказа – 2019"- йы, хъусын кӕны Цӕгат Иры спорты министрад.

Ерысты тох кодтой 10 командæйы. Цӕгат Ирыстон ам рамбылдта иу сыгъзӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ ӕхсӕз бронзӕйон майдан.

Спорт Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спорт Хуссар Ирыстоны

Тхэквондойæ галуаны цыдысты æппæтуæрæсейон ерыстæ мас-рестлингæй. Ирыстонæй дзы архайдта 23 адæймаджы. Республикæйы ацы ерыстæ ахæм æмвæзадыл арæзт æрцыдысты фыццаг хатт. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, спорты ацы хуыз бахæссын хъæуы олимпаг спорты хуызтæм. У æдас æмæ цымыдисаг.

Мас-рестлинг нымад у Якутийы национ спорты хуызыл. Зын архайæн дзы нæу. Дыууæ спортсмены кæрæдзийы ныхмæ сбадынц æмæ иу иннæмæй хъуамæ райса, кæнæ йæ йæхирдæм æрбаласа сæрмагонд лæдзæг. Ирон культурæйы дæр ис ахæм хъазты хуызæн, хонынц æй ивазæнтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0