Куыд хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын Хуссар Иры МХМ куыст: Наниты Игорь радта фӕдзӕхсттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ
МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МХМ сӕргълӕууӕг уагдоны сӕйраг хӕслӕвӕрдтыл нымайы кусджыты профессионалон службӕйон архайд фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тох

ЦХИНВАЛ, 20 фев дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь фехъусын кодта уагдоны архайды сӕйраг здӕхттӕ, кӕцыты фӕдыл хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын куыст.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Грипп, мыздтӕ ӕмӕ рейдтӕ: Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхсттӕ йӕ кусджытӕн

МХМ пресс-службӕйы фехъусын кодтой, дыццӕджы уагдоны кӕй ацыд коллегийы рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы хайадты разамонджытӕ радзырдтой сӕ куысты тыххӕй 2018 азы.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой дарддӕры къахдзӕфтӕ, цӕмӕй ӕххӕст кӕной ӕхсӕнадон фӕтк, ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад ӕмӕ фӕкъаддӕр кӕной фыдракӕндты нымӕц республикӕйы.

"2018 уагъд ӕрцыд бирӕ егъау мадзӕлттӕ, ӕмӕ МХМ кусджытӕ ӕндӕр тыхон структурӕтимӕ архайгӕйӕ сӕххӕст кодтой ӕхсӕнадон фӕтк. Оперативон архайд иууылдӕр уыд здӕхт нӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгты законон интерестӕ бахъахъхъӕнынмӕ", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь.

Уагдоны сӕйраг хӕслӕвӕрдтыл министр нымайы МХМ кусджыты профессионалон службӕйон архайд фӕфылдӕр кӕнын, тох кӕнын фыдракӕндты ныхмӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнын ивгъуыд ӕзты фыдракӕндтӕ.

"Хъӕуы арӕхдӕр уадзын профилактикон ныхас цӕрджытимӕ ӕмӕ ӕнахъомтимӕ, афтӕ ма уагдоны кусджытимӕ дӕр службӕйон дисциплинӕйы фарстыты фӕдыл", - загъта Наниты Игорь.

Наниты Игорь бахахх кодта, зӕгъгӕ, хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын хъусдард фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады фадыджы дӕр.

Рабадты кӕрон Наниты Игорь бафтыдта, бирӕ фарстытӕ кӕй аскъуыддзаг кодтой президент Бибылты Анатолийы ӕххуысы руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0