Бибылты Анатолий райста Уӕрӕсейы командӕйы делегаци уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

© Пресс-служба президента РЮОУӕрӕсейы командӕйы делегаци уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй
Уӕрӕсейы командӕйы делегаци уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсментӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй хайад райсой Ирыстоны Хъайтартӕ Тедеты Влад ӕмӕ Тедеты Альберты (Ибрагим) призтыл Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

ЦХИНВАЛ, 24 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий райста зындгонд спортсменты делегаци Уӕрӕсейы командӕйы сӕйраг тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболаты сӕргълӕудӕй, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Цхинвал хоны Аланийы чемпионатмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Олимпиаг богалтӕ ӕмӕ концерт: Цхинвал хоны "Аланийы чемпионатмӕ"

Спортсментӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ, цӕмӕй хайад райсой Ирыстоны Хъайтартӕ Тедеты Влад ӕмӕ Тедеты Альберты (Ибрагим) призтыл Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.

Бибылты Анатолий банысан кодта, Ирыстоны адӕм сӕрыстыр сты, сӕ ӕмбӕстаг кӕй у Уӕрӕсейы командӕйы сӕргълӕууӕг уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.

"Спорты пропагандӕ у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Фӕсивӕд спортӕй куы нӕ архайа, уӕд ын сомбон нӕй. Ӕвзонг лӕппутӕн стыр стимул у фенын зындгонд спортсменты", - бахахх кодта президент.

Тедеты Дзамболат загъта бузныг президентӕн ӕмӕ йӕ базонгӕ кодта Уӕрӕсейы командӕйы уӕнгтимӕ, кӕцыты хсӕн уыдысты олимпиаг чемпион Абдулрашид Садулаев, дунейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ Сидахъты Зауыр, Цӕболты Хетӕг, Магомед Азизов ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Фембӕлды ма хайад райстой президенты уынаффӕгӕнӕг Джиоты Руфин, фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергей, парламенты фӕсивӕд, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Тедеты Бахва, Хуссар Ирыстоны спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы вице-президент Уалыты Дмитрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0