Хуссар Иры парламентаритӕ ӕнхъарынц ӕвзӕрстагъоммӕ агитацийы ӕмгъуыд аивын

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ДИФ-ы агитацион ӕмгъуыд фӕцыбыр кӕныны фарст уынаффӕмӕ рахастой парламенты комитеты, фӕлӕ фарст сӕмбӕлд ныхмӕ раныхастыл

ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Дзыллон информацийы фӕрӕзты парламенты депутаттӕм кандидаттӕн ӕвзӕрстыты агъоммӕ агитацийы ӕмгуыъ фӕкъаддӕр кӕнын 30 бонӕй 20 бонмӕйы фарстыл уынаффӕ цыд закондӕттынады комитеты рабадты, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент райста закон гимны фæдыл

Закондæттынад æмæ бынæттон хиразамынады фæдыл комитеты хистæр Тедеты Нонна банысан кодта, законы проектыл куысты рӕстӕджы рабӕрӕг сты датӕты иппæрдтӕ, уымӕ гӕсгӕ уынаффӕ рахастӕуыд агитацийы ӕмгъуыд фӕцыбыр кӕнын.

Ивындзинӕдты ныхмӕ рацыд президенты ӕххӕстбарджын Гобозты Вячеслав.

"20 бон ӕгӕр цыбыр ӕмгъуыд у. Кӕд иппӕрдтӕ ис, уӕд фӕкъаддӕр кӕнут кандидатты регистрацийы ӕмгъуыд ЦӔК-ы. Нӕй халӕн кандидаты бартӕ. Кӕд сӕйраг закон нӕ дӕтты 30 бон агитацийӕн, уӕд йӕ хъӕуы фӕивын", - загъта уый.

Депутаттӕ суынаффӕ кодтой бакусын агитацийы ӕмгъуыды фарстыл ӕмӕ йӕ рахӕссын президиумы ӕркастмӕ.

Амӕй рӕзмӕ парламентаритӕ ӕнхъардтой закон "О выборах депутатов парламента РЮО"-мӕ къорд ивындзинӕдтӕ бахӕссын.

Ног хабӕртты лентӕ
0