МХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта Хуссар Иры эксперттӕ-криминалистты

© МВД РЮО Эксперттӕ-криминалисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон

Эксперттӕ-криминалисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1 марты 100 азы ӕххӕст кӕны Мидхъуыддӕгты министрады экспертон службӕйы сӕвзӕрдыл

ЦХИНВАЛ, 1 мар - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь схорзӕхджын кодта кӕцыдӕр кусджыты РХИ мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экспертон-криминалистон центры (ЭКЦ) уагдонон хорзӕхтӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй ӕмӕ экспертон службӕйы сӕвзӕрды боны цытӕн.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын Хуссар Иры МХМ куыст: Наниты Игорь радта фӕдзӕхсттӕ

"Уӕ профессионалон куысты руаджы рабӕрӕг вӕййынц бирӕ фыдракӕндтӕ, стыр хайабавӕрд бахастат фыдракӕндты ныхмӕ тохы", - хъусын кӕны Наниты Игоры ныхӕстӕ МХМ пресс-службӕ.

Абоны бон РХИ МХМ экспертон-криминалистон центры службӕ кӕнынц 10 кусӕджы, кӕцытӕй цыппар сты Уӕрӕсейы Федерацийы МХМ Волгограды Академийы рауагъдонтӕ.

ЭКЦ хистӕр, милицийы дӕлбулкъон Ӕлборты Уырызмӕг банысан кодта, ныртӕккӕ сын кӕй ис алы фадат дӕр фӕбӕрзонд кӕнын сӕ квалификаци ӕмӕ эксперттӕ-криминалисттӕ схызтысты профессионалон зонындзинӕдты ног ӕмвӕзадмӕ.

© МВД РЮОЭксперттӕ-криминалисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон
МХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта Хуссар Иры эксперттӕ-криминалистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эксперттӕ-криминалисттӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон

"Фӕстаг ӕзты ног технологитӕ ӕмӕ ифтонггарзы руаджы сбӕрӕг кодтам бирӕ фыдракӕндтӕ. Ацы аз уалдзӕджы ЭКЦ ӕртӕ кусӕджы фӕбӕрзонд кӕндзысты сӕ квалификаци Мӕскуыйы экспертон-криминалистон центры", - бахахх кодта Ӕлборты Уырызмӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0