00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
4 Мин
Ирон эфир
08:30
4 Мин
Ирон эфир
09:00
4 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
О главном на Спутнике
09:57
3 Мин
Главные темы
12:00
4 Мин
Главные темы
12:30
4 Мин
Новости
17:00
4 Мин
Новости
17:30
3 Мин
В центре событий
В Южной Осетии приступили к реализации инвестпрограммы-2026
18:01
2 Мин
Утро на Спутнике
США пересмотрят обязательства перед НАТО после завершения операции в Иране
09:04
0 Мин
Утро на Спутнике
Работа 131-й встречи в формате МПРИ была стабильной и прогнозируемой
09:34
7 Мин
Утро на Спутнике
Врач объяснил, чем опасна амброзия
09:42
19 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Кавказы хуыздӕр гармонист: хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы

© Пресс-служба ансамбля "СИМД"Хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы
Хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аивады фадыджы ахадгӕ хорзӕх Хуссар Иры минӕвар Ходты Эльбрус райсдзӕн Дунейон артистон комитетӕй

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы оркестры къухдариуӕггӕнӕг, республикӕйы сгуыхт артист Ходты Эльбрусы Уӕрӕсейы схайджын кодтой Кавказы хуыздӕр гармонисты номӕй, фехъусын кодта Sputnik "Симд"-ы сæйраг администратор Гаглойты Кристина.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сочи æмæ Цхинвалы: "Симд" дæтты концерттæ

Дунейон ӕмӕ Уӕрӕсейаг артистон комитет ЮНЕСКО-имӕ иумӕ, афтӕ ма Уӕрӕсейы Ахуырад ӕмӕ Культурӕйы министрадтӕ, Уӕрӕсейы адӕмты ассамблеи, Гнесины номыл Уӕрӕсейы музыкӕйы академи, Ӕхсӕнадӕмон сфӕлдыстады академи уадзынц фыццаг хорзӕхкӕныны церемони Кавказы хуыздӕр гармонистты хсӕн "Зӕрин дæсæг".

"Хуссар Ирыстоны музыкант ацы хорзӕх "Зӕрин дæсæг"-ӕй саккаг кӕндзысты Уӕрӕсейы. Хуынды гӕххӕт ӕрцыд ансамблы разамонӕг Гаглойты Ростикы номыл. Республикӕйы сгуыхт артист Ходты Эльбрус ацыд хорзӕхкӕныны цытджын церемонимӕ. Йемӕ ма бамбал сты ансамбль "Симд"-ы солисттӕ –Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хъӕрӕсе-Черкесы сгуыхт артистка Хуыгаты Олеся ӕмӕ Хуссар Иры сгуыхт артист Санахъоты Инал. Сфӕлдыстадон къорд сӕххӕст кӕндзӕн ӕнӕцудгӕ кафт", - загъта Гаглойты Кристина.

© Sputnik / Ада Багиан Хуыгаты Олеся ӕмӕ Санахъоты Инал
Кавказы хуыздӕр гармонист: хуссарирыстойнаг музыканты схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыгаты Олеся ӕмӕ Санахъоты Инал

Дунейон артистон комитеты сконды сты Армени, Беларусь, Болгари, Бразили, Ватикан, Венгри, Вьетнам, Герман, Греци ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0