Хуссар Иры милицийы кусджытӕ ӕрдзырдтой районты цӕрджыты проблемӕтыл

© МВД РЮОХуссар Иры милицийы кусджытӕ ӕрдзырдтой районты цӕрджыты проблемӕтыл
Хуссар Иры милицийы кусджытӕ ӕрдзырдтой районты цӕрджыты проблемӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы цӕрджытӕ хъаст кодтой фосыл, кӕцы ӕнӕхъусдардӕй зиан ӕрхӕссы цӕхӕрадӕттӕн, афтӕ ма ӕрдзырдтой ӕндӕр проблемӕтыл дӕр

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ фембӕлдысты Дзау ӕмӕ Знауыры районы цӕрджытимӕ, афтӕ ма ауагътой профилактикон баныхас ӕххуысхъуаг бинонтимӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.

МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Грипп, мыздтӕ ӕмӕ рейдтӕ: Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхсттӕ йӕ кусджытӕн

Фембӕлдты хайад райста ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны управленийы хистӕр, милицийы булкъон Гаглойты Маир ӕмӕ ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны управленийы хайады хистӕр, милицийы майор Тыджыты Марат, афтӕ ма бынӕттон администрациты минӕвӕрттӕ дӕр.

Цӕрджытӕ хъаст кодтой фосыл, кӕцы ӕнӕхъусдардӕй зиан ӕрхӕссы цӕхӕрадӕттӕн.

"Зиууаты хъӕуы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы районы ис проблемӕтӕ телефоны бастдзинадимӕ. Милицийы фадыгонтӕ хайад истой РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕимӕ иумӕйаг рейдты ӕмӕ ауагътой баныхас арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытимӕ уагӕвӕрды тыххӕй арӕнгӕрон зонӕйы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Иумӕйагӕй, ивгъуыд аз милицийы фадыгонтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрдтӕ. Ӕнахъомты фӕдыл милицийы куджытимӕ ауагътой профилактикон баныхас ӕнахъом гоймӕгтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0