Ног уӕз ӕмӕ ног нысӕнттӕ: ирон ӕрмхӕцӕг стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты

© Sputnik / Фатима ПлиеваГасситы Сослан
Гасситы Сослан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Сослан у Хуссар Иры армспорты иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ спортсмен

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр армрестлер Гасситы Сослан марты стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты. Спортсмены бахъӕудзӕн тох кӕнын ног уавӕрты.

Армхӕцӕг у Хуссар Иры армспорты иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ спортсмен, ӕхсӕз азы дӕргъы ӕрыгӕтты ʻхсӕн уый у Европӕ, дуне ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕдзухон лидер 90 кг уӕзы.

"Балхынцъ кодтон мӕ спортивон карьера ӕрыгӕтты ʻхсӕн. Уым мын бантыст рамбулын фӕйнӕ ӕхсӕз сыгъзӕрин майдан Европӕ ӕмӕ дунейы фыццагадты", - радзырдта Sputnik Сослан.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Республикӕйы иууыл тыхджындӕр къухты хицау 19-20 марты Екатеринбургы стох кӕндзӕн Уӕрӕсейы чемпионаты. Уый архайдзӕн ног статусы, фӕлӕ ныфс дӕтты бӕрзонд хорзӕх кӕй ӕрхӕсдзӕн Ирыстонмӕ.

"Фӕстаг ӕзты мӕ хъуыд ӕдзух ерысты агъоммӕ мӕ уӕзӕй аппарын 7-8 килограмм, ахӕм уавӕрты мӕм-иу тых нал баззад. Уымӕ гӕсгӕ рахызтӕн 100 кг уӕзмӕ. Стӕй ма ныр райдыдтон тох кӕнын хистӕрты хсӕн. Иудзырдӕй ног уавӕрты тох уыдзӕн зын, фӕлӕ хъуамӕ рамбулон", - бафтыдта ӕрмхӕцӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0