Быбылты Анатолий: Хуссар Ир ӕмӕ Сербаг Республикӕ райтынг кӕндзысты сӕ бастдзинӕдтӕ

© Пресс-служба Президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ Милорад Додик
Бибылты Анатолий  ӕмӕ Милорад Додик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта Сербаг Республикӕйы президент Милорад Додикӕн йӕ юбилейы цытӕн

ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ныфс ис, Сербаг Республикӕимӕ дыууӕварсон бастдзинӕдтӕ кӕй райтынг кӕндзысты. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы телы Сербаг Республикӕйы президент Милорад Додикмӕ, кӕцы дыццӕджы нысан кӕны йӕ 60 азы юбилей.

Парламент, Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сратификаци кодта бадзырд Сербаг республикӕимӕ

"Уырны мӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сербаг Республикӕ кӕй спайда кӕндзысты ӕмгуыстадӕй ӕмӕ дарддӕр райтынг кӕндзысты дыууӕварсон бастдзинӕдтӕ сӕ адӕмы хӕрзӕбонӕн", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Афтӕ ма Бибылты анатолий банысан кодта, Милорад Додикы сӕрмагонд миниуджытӕ, политикон интуици ӕмӕ Фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдыгдзинады руаджы Сербаг Республикӕйы  президентӕн ис адӕмон авторитет.

2018 азы январы Хуссар Ирыстоны президент ацыд официалон балцы Сербаг Республикӕмӕ. Балцы рӕстӕджы РХИ ӕмӕ Сербаг Республикӕ бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0