Хуссар Иры фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæМигранттӕ
Мигранттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы территорийыл, фӕфылдӕр уыдзӕн авансон фиддон

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны райстой законы проект "Ивындзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй РХИ Хъалонон кодексы 232 статьямӕ", кӕцы рахаста ӕркастмӕ хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты сӕрдар Кацты Владимир, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

"Законы проектмӕ гӕсгӕ, фӕфылдӕр уыдзӕн авансон фиддон фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы территорийыл, 1 мин сомӕй дыууӕ мин соммӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Кацты Владимир банысан кодта, ацы ивындзинӕдты руаджы кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн хъалонон политикӕ фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты фӕдыл ӕмӕ фӕфылдӕр уыдзысты хъалонон фиддонтӕ бюджетмӕ 10 милуан сомы онг.

Кацты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг миллиард: Хуссар Иры ХФК бюджеты рекордон ӕфтиаджы тыххӕй

Афтӕ ма хицауады рабадтыл ӕркастысты законы проектмӕ, цӕмӕй ссӕрибар кӕной хъӕуты цӕрджыты хъалонтӕй. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик банысан кодта ацы фарсты ахсджиагдзинад.

"Хъӕуты цӕрджытӕн хъӕуы ӕххуыс кӕнын ӕмӕ ссӕрибар кӕнын хъалонтӕй. Уый нӕ хаудзӕн гоймӕгтӕм, кӕцытӕ исынц зӕхх арендӕйы", - фехъусын кодта хицауады сӕрдар.

Ног хабӕртты лентӕ
0