Къаддӕр гуырахст: Цхинвал фӕтыхст доны цухдзинадӕй

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæЦхинвал фӕтыхст доны цухдзинадӕй
Цхинвал фӕтыхст доны цухдзинадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы доны резервуартӕ кӕй нӕ байдзаг сты, уымӕ гӕсгӕ горӕты кӕцыдӕр районты фӕтыхстысты йӕ хъуагдзинадӕй

ЦХИНВАЛ, 14 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕ фӕтыхст нуазыны доны цухдзинадӕй. Дзомагъ ӕмӕ Брытъаты гом хӕххыты дон кӕй сызмӕст, уый тыххӕй сӕ бахъуыд ахицӕн кӕнын сӕйраг магистралон хаххӕй, фехъусын кодтой Sputnik горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

Ахӕм проблемӕтыл Цхинвал сӕмбӕлы алкӕцы уалдзӕг дӕр. Горӕт донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хаххмæ дон цы цыппар къалиуæй цӕуы, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.

Уалдзыгон кризис: Цхинвал та æвзары нуазыны доны цухдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалдзыгон кризис: Цхинвалмæ дон дæтдзысты графикмæ гæсгæ

"Дзомагъ ӕмӕ Брытъаты гом хӕххыты дон кӕй сызмӕст, уый тыххӕй сӕ бахъуыд ахицӕн кӕнын. Уый бандӕвта горӕтмӕ цӕуӕг доны гуырахстыл ӕмӕ резервуартӕ нӕ байдзаг сты. Цхинвалы ӕппӕт районтӕм дӕр лӕвӕрд цӕуы дон иухуызон , фӕлӕ къаддӕр бæрцуаты. Нырма дӕр Едыс-Цхинвалы фӕрсаг хӕххытӕ сты змӕст", - загътой пресс-службӕйы.

Уым ма банысан кодтой, сӕрмагонд службӕтӕ сӕ хъус дарынц доны уавӕрмӕ ӕмӕ куыддӕр расыгъдӕг уа, афтӕ сӕ баиу кӕндзысты.

2019 азы республикӕйы нывӕндынц саразын ноджы иу доны хӕтӕл – Уанат – Цхинвал, кӕцы аиуварс кӕндзӕн горӕты цӕрджыты проблемӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0